Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Zaur Parsiev - Bærzond | Текст песни

Фæллой фæкодтай, ныр бабын и,
Дæ цард уыди цæттæ.
Цы бонмæ бæллыдтæ, уый нал цыди,
Æнæхицау бæстæ…
Уый ивгъуыд,
Уый ивгъуыд у.
Зæрдæйæн маст уыд фаг.
Ныр размæ,
Ныр размæ цу.
Æмраст рæсугъд фæндаг.

Нæма, нæма ныл тавы хур, фæлæ нæ,
Не ‘стæм рох, не ‘стæм рох.
Цыма, цыма йæхи цæттæ кæны зонд
Ног диссаг фæлтæртæм, ног диссаг фæлтæртæм.

Цырд лæуу, размæ тындз,
Ма ‘руадз дæ фындз.
Цырд лæуу, размæ тындз,
Ма ‘руадз дæ фындз.

Фæлвары цард мæн æмæ дæу алы бон.
Сайды ма фæу, сайды ма фæу.
Зоны амонд алкæмæндæр йæ ном.
Афтæ мæм кæсы, афтæ мæм кæсы.

Уæд та ма тарниз?
Уæд та ма хæст?
Уæд та ма хæйрæг нæма у æфсæст…
Уæд та ма хинтæ?
Уæд та ма цæст?
Уæд та ма а зæххæн йæ хицау æвзæрст?!

Нæма, нæма ныл тавы хур, фæлæ нæ,
Не ‘стæм рох, не ‘стæм рох.
Цыма, цыма йæхи цæттæ кæны зонд
Ног диссаг фæлтæртæм, ног диссаг фæлтæртæм.

Zaur Parsiev еще тексты


Другие названия этого текста
  • Zaur Parsiev - Bærzond (0)
  • Заур Парсиев - Бæрзонд (0)
Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1