Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Елена Газаева - Цы сусæг кæнон... | Текст песни

Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын,
бирæ кæй уарзын, гъæй.
Мæ иунæг уарзон дæумæ кæй бадын,
дæумæ кæй бадын, ээй.

Уæд хъазты вæййын, фæрсгæ мæ кæнынц,
фæрсгæ мæ кæнынц,гъæй.
Курæг дæ куы ис, мой куы нæ кæныс
мой ку нæ кæныс, ээй.

Кæмæн ракæнон мæ сусæг ныхас
мæ сусæг ныхас, гъæй.
Уый дзы куы 'скæна æстыр тулдз бæлас,
æстыр тулдз бæлас, ээй.

Æз та мæ ныхас мæ мадæн зæгъон,
мæ мадæн зæгъон, гъæй.
Бынтон æнамонд мæхи куыд хонон,
мæхи куыд хонон, ээй.

Фæлæ мæ уый дæр куы нæ бамбара,
куы нæ бамбара, ээй.
Мæ къæйных ныхас куы нæ ныббара,
куы нæ ныббара, ээй.

Сæумæйы æртæх кæрдæгыл баззад,
кæрдæгыл баззад, ээй.
Мæ сусæг ныхас æрдæгыл баззад,
æрдæгыл баззад, ээй.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-