Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

28_Хахты Залта - Тулдз Балас. | Текст песни

Зæронд тулдз бæлас тагау хус бауай мæ тæригъæдæй, ей
Дæ бындзарæй дæ хъæддзау акала йæ цыргъ фæрæтæй, ей
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы йæ уарзты кæрон, ей
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ, ныр ма цы кæнон, ей.

Йе науæд басудз арвы æрцавдæй ам хъæугæроны, ей
Дæ аууонмæ дын уæд нал бакæндзæн уарзон уарзоны, ей
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы йæ уарзты кæрон, ей
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ, ныр ма цы кæнон, ей.

Æз дæм фыдæх дæн цæмæн, цæй тыххæй, уый дын зæгъдзынæн, ей
Мæнæн уыд уарзон, дзырдтон мæхицæн – чындзы цæудзынæн, ей
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы йæ уарзты кæрон, ей
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ, ныр ма цы кæнон, ей.

Фæдæн фыдæнхъæл – мæн уый ныууагъта йæ уарзты кæрон, ей
Бахæлар, баиу æндæр чызгимæ – ныр ма цы кæнон, ей
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы йæ уарзты кæрон, ей
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ, ныр ма цы кæнон, ей.

Хъæлдзæг адæмæй лидзын æз дардмæ, цæрын хъыгтимæ, ей
Мæнæн дзырдæуыд – дæ сатæг аууон фæбадынц бирæ, ей
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы йæ уарзты кæрон, ей
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ, ныр ма цы кæнон, ей.

Ысхъæр ма мын кæн зæронд тулдз бæлас сæ сусæг фæндтæ, ей
Кæд цъус фæлæууид йæ судзгæ рыстæй мæ фæлмæст зæрдæ, ей
Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы йæ уарзты кæрон, ей
Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ…

28_Хахты Залта еще тексты


Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 9
Видео
Нет видео
-