Мæ фыд мæнæн дæ мæ цæугæ мæсыг гъе
Æмæ дæ сæр бæрзæндты хæссын гъе
Цæй бæрц рæвдыд ис дæ цæстынгæсы гъе
Рæсугъд фынау мæ дæхимæ æлвасыс гъе
Дæ уæздан ныхас зæрдæйы тавы гъе
Уæд ын йæ зынтæ йæ фаллад сафы гъе
** Мæ фыд, бирæ дæ уарзын гъе
Æмæ дын кæнын гъе ацы зарæг гъе
Нæ хæдзар рухс у мæ фыд дæ фарнæй гъе
Дæ хорз æгъдæуттыл æз фидар хæцын гъе
Æппын æдзухдæр ды худгæ кæсыс гъе
Нæ рæсугъд цардмæ ды цинтæ хæссыс гъе
Уæздан хистæртæ , нæ буц кæстæртæ гъе
Нымæц куы нæ ис дæ хорз хæлæрттæн гъе
** Мæ фыд, бирæ дæ уарзын гъе
Æмæ дын кæнын гъе ацы зарæг гъе
Хæсты быдыры ызнæгты састай гъе
Æмæ нын дема уæлахиз ысхастæй гъе
Фæрнæй куы кусыс нæ сабыр царды гъе
Нæ бæсты намыс, нæ бæсты кадыл гъе
Дæ хæрзиуджытæ, дæ фæтæн риуыл гъе
Сæууон стъалытау тæмæнтæ калынц гъе
** Мæ фыд, бирæ дæ уарзын гъе
Æмæ дын кæнын гъе ацы зарæг гъе
Ballaty Vladimir еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2