Музыка и слова Инны Гучмазовой.
Æрмæст дæуæн ысхуддзынæн,
Æрмæст нæ уарзтæн кувдзынæн.
Нæ ратдзынæн дæу никæмæн,
Æнустæм дæ æз уарздзынæн.
Фæндагыл дыл куы 'рталынг уа —
Æрттивгæ стъалы фестдзынæн.
Дæ зæрдæйы куы 'рæнкъард уа —
Булæмæргъау дын зардзынæн.
Ды истæуыл куы маст кæнай —
Дæ цæссыгтæ дын нуаздзынæн.
Дзынга дæр дыл куы фæхæца —
Мæ хъарм туг æз дын ратдзынæн.
Ды уазалы куы баргъæвсай —
Мæ пъатæй дæ ысхъарм кæндзæн.
Ды истæмæй куы ысхъæрзай —
Уайтагъд дæ цуры фестдзынæн.
Зын цардæй ныфс куы фесафай —
Уæд дæм мæ тыхтæ бауадздзæн.
Ызнаг дын марг куы æркæна —
Уæд æй дæ бæсты баназдзæн.
Нæ уарзт куы уа æнæфидæн —
Дæу аххосаг нæ кæндзынæн:
Мæ зæрдæйы дæ дардзынæн,
Æнустæм дæу æз уарздзынæн...
Inna Gučmazova еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1