«Шы уыныс?», уынын адæмы сæтты шард.
Кæрæжийы ныхмæ, куыд сисынч хæшæнгарст, кард.
Кæрæжи куыд сафынч, æхшайы тыххæй æмгæрттæ.
Æзнон уыдыстут æфсымæртæ, абон та стут æзнæгтæ.
Нæ дын тулы шарды, сылгъитыс дæ амонд.
Бирæ та хъæзныг шæры, у йæ шардæй райгонд.
Ай улæфы денджызыл, уый та куыйтæй лижы.
Иутæн шарды алшы дæр, иннæтæн та нишы.
Сæ иутæ шæрынч мæсгуыты, æхшайы сæхи наййынч.
Иннæтæ та хормаг сты, комжæгтæ нымаййынч.
Ныфс сæ нæй рæсугъд фидæны, ныхæстæй сæ саййынч.
Мæгуыр адæмы зæрдæтæ, афтид ныхæстæ раййынч.
Шарды нæй рæстжинад, мæгуыржинад дæ мары.
А»зæххыл мæгуыр лæджы, алчи куырммæ дары.
Фæнды дæ шæуын размæ, нишы дын нæ уайы.
Хæйрæг дын йæ къух дæтты, уд йæхимæ сайы.
Базард:
Гачча рæстæг æршыдис, зæрдæ рыст æнкъары.
Ныхыл хæшæнгарст у æвæрд, чи дæр кæй дæр мары.
Ахуыссыдис хур нæ сæрмæ, тугæй къæвда уары.
С»хæччæ ис лæг а»зæххыл, раст фæндаг нæ ары.
2 хатт
Дæ къухы ис хæшæнгарст, фæшæуыс ды хъуыддагыл.
Нæ хъуыды кæныс ныр, дæ хиуæттыл, дæ мадыл.
Фæйнæрдыгæй æхстытæ, байдытта дæ хъазт.
Мæлæт дын а»хъæбыс котта, сты дæ къæхтæ баст.
Ныхъхъарæг коттой хиуæттæ, басур ис дæ мад.
Æрдæбон дын дæ худт хъуыста, ныр та ды дæ мард.
Сыхгæтта дæ шæстытæ, с»наадис йæ шард.
Хуышаууы тæрхоны фæстæ, дæ уд уыдженис дард.
Алкæмæн йæхи рæстæг, алшæмæн бынат.
Уæ уд гæххæттыл ма ивут, ма йын кæнут кад.
Адæммæ куы акæсын, уæд мæ зæрдæ с»риссы.
Штыр Хуышау уæларвæй мын, раст фæндаг æвдисы.
Æрбаввахс ут æфсымæртæ, ма мæм лæуут дард.
Уышы лæг у æнæмонд шарды, чи у æхша йыл мард.
Хъæзныг дæ, мæгуыр дæ, зæнджын дæ æуый къæрчъчъ.
Алчи дæр нæ уæлмæрдыл, бафтаудженис хæдж.
Базард:
Гачча рæстæг æршыдис, зæрдæ рыст æнкъары.
Ныхыл хæшæнгарст у æвæрд, чи дæр кæй дæр мары.
Ахуыссыдис хур нæ сæрмæ, тугæй къæвда уары.
С»хæччæ ис лæг а»зæххыл, раст фæндаг нæ ары.
2 хатт
А»зæххыл стæм уазджытæ, уазæг дæн æз дæр.
Æз дæр мæ шарды сарызтон, тæригъæдтæ кæддæр.
Мæ Хуышау, æз дæумæ кувын, де»ххуысмæ бæллын.
Ныппар мын ды мæ рæдыдтæ, тæрхонæн уд дæттын.
Уæларвмæ Джеры с»куывтон, æртæ шырагъ æссыгътон.
Хуышаууæн æз мæ рæдыдтæ, мæ уды рыст фæжырдтон.
Кæд мæм хорз нæ байхъуыстай, нæ бамбæрстай нæма.
Ашы шарды нæу сæйраг дæр, къухы чъижи æхша.
Базард:
Гачча рæстæг æршыдис, зæрдæ рыст æнкъары.
Ныхыл хæшæнгарст у æвæрд, чи дæр кæй дæр мары.
Ахуыссыдис хур нæ сæрмæ, тугæй къæвда уары.
С»хæччæ ис лæг а»зæххыл, раст фæндаг нæ ары.
2 хатт
IRONRAP еще тексты
Другие названия этого текста
- Ирон рэп - Гачча рæстæг (0)
- IRONRAP - Gačča ræstæg (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1