Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Sæwæssæ - Zin æxsæv | Текст песни

ЗИН ÆХСÆВ
Слова Азау Хацерон, музыка Сауассы

Зин æхсæв мæ дуар хоста,
Бацагайдта рагон ностæ:
’Рцыд мæ нæхуынд зарджыты кæлæн дæр…
― Чи дæ? ― бафарстон, ― кæцон дæ?
Загъта:
— Рохуатæй, фæсмонтæй,
Ивгъуыд уарзты дунейæ æрхæндæг…

― Мидæмæ, Хуыцауы уазæг,
Иу æхсæв дæуæй дæн разы,
Фæлæ сом фæцæудзыстæм фæйнæрдæм…
Не сразы мæ фæндыл, загъта:
— Мæн дæумæ хъысмæт ысхаста, ―
Демæ цæрдз[ын]æн йе мæлдз[ын]æн кæм фæнды.

― Æз хъысмæтæн та кæд састæн? ―
Æз æрхæндæгмæ нæ кастæн:
Мæн, Хуыцауыстæн, ивгъуыдмæ не ’вдæлы.
Загъта:
— Ивгъуыды æвзæрст дæн,
Æз дæ фæндырыл нывæзт дæн;
Сфæраз мæ, æнцондæр хай дæм не ’мбæлы.

Æз дæ уарзт хæссинаг дарддæр,
Уымæй нæу дæ фæндаг къаддæр, ―
Цард-мæлæты арæнтæ ― дæ разы…
Æз дæ цæстыты цæрдзынæн,
Æз дæ зарæджы мæлдзынæн,
Æмæ сфæлвар мемæ цард фæразын!

Æз хъысмæтæн дæр нæ састæн,
Æз дæ фæзындмæ нæ кастæн,
Мæн, Хуыцауыстæн, ивгъуыдмæ не ’вдæлы.
Зарæгæн нывонд æвзæрст дæ,
Ды мæ фæндырыл нывæст дæ,
Зарæг дæр æнæ æрхæндæг не ’взæры».

Sæwæssæ еще тексты


Видео
    Нет видео
    -
    Оценка текста
    Статистика страницы на pesni.guru ▼
    Просмотров сегодня: 1