Цъитийы сыгъдæг дон азгъоры хъазгæ, гъей
Вæййы йæ рухс фæндаг айнæгыл заргæ, гъей
Дæ иу фæкастæй та, о рæсугъд чызгай, гъей
Рох уарзты цæхæртæ мæ риуы ссыгътай, гъей
Æхсæрдзæны бын донхауæн зары, гъей
Йæхимæ кæддæрау мæн ногæй сайы, гъей
Рох уарзты буц фæндыр, дардмæ цæй ахæсс, гъей
Мæ зæрдæйы катай, зæрдæйы сагъæс, гъей
Базард:
Æрдæгыл куы баззад нæ уарзты фæндаг, гъей
Уыдтæ мын æфсæрмдзæст! - Ды та нæуæндаг, гъей
Æргомæй, цæй, абон зæгъæм нæ фæндон, гъей
Уарзтон дæ тынг бирæ! - Æз дæр дæ уарзтон, гъей
Мæ ивгъуыды цинтæ дæуыл фæбарын, гъей
Дæ сурæт алкæддæр мæ зæрдыл дарын, гъей
Дæ фæлмæн мидбылхудт, сусæг кæстытæ, гъей
Арæх дын фæмысын дæ сау цæстытæ, гъей
Уалдзыгон изæртæ, мæйдар æхсæвтæ, гъей
Æмбæхсын алкæддæр мæ сусæг фæндтæ, гъей
Зыдтон æй, фæцыдтæ мæнæй æндæрмæ, гъей
Уæддæр-ма дæм кастæн, мæ хур, æнхъæлмæ, гъей
Базард:
Цасфæнды куы цæуой, куы згъорой азтæ, гъей
Уæддæр нæй рохгæнæн æхсидгæ уарзтæн, гъей
Мах иумæ нæ бонтæ æрвыстам хъæлдзæг, гъей
Куыд тагъд нæм фæзынди, æрлæууыд фæззæг, гъей
Фæззыгон дымгæ та ахæссдзæн сыфтæ, гъей
Нæ ферох уыдзысты мæнæй дæ дзырдтæ, гъей
Æвзонг удыл кæд фæтых и хъысмæт, гъей
Æдзухдæр кæндзæни уæддæр дæуыл мæт, гъей
Базард:
t. Алла Хадикова и Олег Тайсаев еще тексты
Другие названия этого текста
- t. Алла Хадикова и Олег Тайсаев - Зардайы сагъас (сл. Индира Гаглоева, муз. Белла Золоева) (0)
- Алла Хадикова и Олег Тайсаев - Зардайы сагъас (сл. Индира Гаглоева, муз. Белла Золоева) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2