Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алан Царикаев - Дигоргоми зар | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

1-аг æрзард:
Нæ Дигоргоми æ дууæ коми,
Куд æнсувæртæ цæрунцæ уоми.
Бæрзонд къæдзæхтæ кæнунцæ соми,
Ка рæссугъддæр æй, ка бæрзонддæр æй!
Нæ рагфидтæлти цæрæнбунуæттæ
Абони дæр ма бæрæг ку æнцæ.
Дууæ комеми дæр берæ мæсугтæ
Алке мугкагæн федар лæуунцæ!

Базард:
О, нæ хуæнхтæ! О, нæ бæстæ!
Ци рæссугъд айтæ нин сумах!
Ци федар айтæ, бæрзонд айтæ!

2-аг æрзард:
Нæ уарзон Нана, кæнæн дин кадæ
Дæ сугъдæг номæн, дæ сугъдæг Фарнæн!
Нивгун дæ фæрци ‘й нæ хуарздзилагæ,
Бунтæй истонун ке нæ бауагътай!
Нæ хуарз Дигорæн, Райгурæнбæстæн
Идзаг Берекет æма нæ Фарнæ,
Киндзихудтитæ æма кувдтитæ
Фулдæрæй фулдæр куд фæккæнайтæ!

Базард: еу хатт дæр ма.

http://vkontakte.ru/asson_digoron


Другие названия этого текста
  • Цæрикъати Алан - Дигоргоми зар (Осетия) (0)
  • Алан Царикаев - Дигоргоми зар (0)
  • Цæрикъати Алан - Дигоргоми зар (0)
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-