Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Аланы - Дае уындмае баеллын | Текст песни

Гъей, дæ уындмæ куы бæллын,
Дæ зæрдæйы къæсæртæ мæнæн у кувæндон.
Гъей, ды куы дæ мæ бæлон,
'Рбакæс мæм, сау рæсугъд, дæ цуры куы лæууон.

Гъей, иу хатт мæм бахуд æргом.
Ссыгътай мын уарзонад мæ зæрдæйы ды.
О, мæ цардамонд, мæ бон,
Хурæн дын барын дæ ном.
Айс-ма мын мæ зæрдæ, мæ уарзт.
Мæ фæкæн уарзтыл фæсмон.

Гъей, уыцы сау цæстытæн
Тæхуды, тæхуды куы фестин сæ амонд.
Гъей, куы нал дæн сæ мæтæй,
Сæ уарзтæй бынтондæр, мæ зæрдæ, куы мæлон.

Гъей, иу хатт мæм бахуд æргом.
Ссыгътай мын уарзонад мæ зæрдæйы ды.
О, мæ цардамонд, мæ бон,
Хурæн дын барын дæ ном.
Айс-ма мæ зæрдæ, мæ уарзт.
Ма фæкæн уарзтыл фæсмон.

Гъей, мæ зарæджы зæлтæ
Амонды базыртыл арвиты чызгаймæ.
Гъей, амонды суадонæй
Фæнды мæ нæ дыууæ суадзиккам нæ дойны.

Гъей, иу хатт мæм бахуд æргом.
Ссыгътай мын уарзонад мæ зæрдæйы ды.
О, мæ цардамонд, мæ бон,
Хурæн дын барын дæ ном.
Айс-ма мын мæ зæрдæ, мæ уарзт.
Мæ фæкæн уарзтыл фæсмон.

Аланы еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2