Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алла Хадикова - Дыууæ уды (Две души) | Текст песни

Мæ сæвд амонд, дæумæ цæуын фæдисы,
Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр,
*Дæ фæндагмæ æз рухс тынтæ æлвисын,
Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр. (2 хатты)

'Стъалытæ бæрзонд арвыл куы хъазой,
Уæд дард хъуысы æхсæрдзæнты нæрын,
Дыууæ уды кæрæдзийы куы уарзой,
Уæд а зæххыл æнцон дæр у цæрын.

Мæ хуры хай, кæм дæ, цы ран, цы бæсты?
О, курын дæ, æсталыйау фæзын..
Фæзын æмæ да арфæйаг ныхæстæй
Фæсур, мæ хур, мæ сонт зæрдæйы зын.

Мæ хуры хай, мæ цин æмæ мæ катай
Æртæ хурау дæ размæ хастон æз,
Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй,
Мæ цæстыты æрмынæг и дæ хуыз.

Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн
Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу,
*Цæргæ бонты дæу сурдзынæн мæхицæй,
Цæргæ бонты æз агуырдзынæн дæу. (2 хатты)

**К.З.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-