Ма амонд цы ран дæ фæзынд,
Асур ма зæрдæйы зын,
Срухс кæн дæ рухсæй мæ цард.
Ахон дæ фæдыл мæн дард.
базард:
{Рацу мæм рацу худгæйæ,
Рацу, арцу мæм ма хур,
Амонды рухсад ма кувгæйæ,
Уарзтæн нæ ваййы цæлхдур}2x
Зæрдæ дæ фæдыл тындзын,
Раздарау нал у зындзырд,
Иу зарæг зары æргом,
Зары фырбуцæй дæ ном.
базард:2x
Зарæг мæ цин æмæ уарзт,
Зарæгæй демæ дæн баст,
Минæвар дæм уымæнæй,
Æмæ йын уромын нæй.
базард:2х
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3