Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алла Хадикова - Райгуырæн зæхх (сл. А. Чеджемова, муз. Е. Воложанина) | Текст песни

РАЙГУЫРÆН ЗÆХХ

Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх,
Цард цы рæвдауы фæрнæй.
Фæлæ дæ хуызæн мæ Райгуырæн зæхх,
Ацы стыр дунейыл нæй!

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæн хурмæ хæссы.
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Бауарзтон раджы нæ фæндыры цагъд,
Ме уæнгты рог цин зылди.
Арвæн йæ бæрзæндты урс цæргæс тахт,
Уый кæд мæ зæрдæ уыди.

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæн хурмæ хæссы.
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Ирæн йæ куывды бон — цин æмæ хъазт,
Амонд Хуыцауæй куырдтон.
Æмæ æз мæ сыгъдæг, мæ сызгъæрин уарзт
Дзуардтæн иронау дзырдтон.

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæн хурмæ хæссы.
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæн хурмæ хæссы.
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-