Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алла Хадикова - Тар фынæй райхъал уалдзæг | Текст песни

Тар фынæй райхъал уалдзæг,
Арвæй хуры тын кæсы,
О, мæ иунæг, ныр фыруарзтæй
Зæрдæ зарджытæ кæны.

Уарзын та, æз ногæй уарзын,
Æз мæ уарзт дæуæн дæттын
Æмæ дын æргомæй дзурын:
«Уарзгæ, уарзгæ дæ кæнын».

Буламæргъ хъæрæй ныззарыд,
Уый ма уарзтыл цин кæны,
Атахти мæ уд уæлæрвтæм,
Уарзт мын ног амонд хæсы.

Боны цъæхтæм та фæбадæм,
Саразæм æхсæвыбон,
Уым дæ сау цæстыты кастæй
Зæрдæ атæйы бынтон.

Быдыр дидинджытæй байдзаг,
Уым мæн азгъорын фæнды,
Байгом амондæн мæ зæрдæ,
Уарзтæй афтæ мæм кæсы.

Зоны уарзтæй зæрдæ судзы,
Уый мæн царды бон дæтты,
О, мæ иунæг, мæн дæ уарзтæй,
Ногæй басудзын фæнды.

Уарзын та, æз ногæй уарзын,
Æз ма уарзт дæуæн дæттын.
Æмæ дын æргомæй дзурын:
«Уарзгæ, уарзгæ дæ кæнын».

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-