Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алла Хадикова - Хистæрты зарæг | Текст песни

Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ,
Уæ фарнæй фæрнджын – ирон хæдзæрттæ.
Сымахæй цæуынц уæ хорз кæстæртæм
Хъæбатырдзинад, рæсугъд æгъдæуттæ.

Ацы дунейы адджынæн баззад
Фыдæлты уæзæг, райгуырæн бæстæ.
Терчы донæй дæр, нæ буц хистæртæ,
Нæ бафиддзыстæм уæ бирæ хæрзтæ.

Карз тохы заман бæсты сæрвæлтау,
Знаджы гæнах уæ риутæй састат.
Уæддаер нæ буцæй нæ цардуалдзæджы
Уæ фæллад къухтыл бирæ фæхастат.

Нæ Иры зæхмæ бæрзонд уæлæрвтæй
Хъызт зымæджы дæр зæрин тын хауы.
Æмæ рæсугьдæй хистæры зондæй
Кæстæры амонд æфсир æфтауы.

Цы нын баззади рæсугъддзинадæй,
Нæ фæрныг царды уый байтаудзыстæм.
Нæ буц хистæртæ, мах уе сконд артдзæст
Æрхуыссын кæнын нæ бауадздзыстæм.

Слова Ахсара Чеджемова, музыка Эльбруса Моргоева

«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Алла Хадикова еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1