Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Алёна Гуссоева - Цыкурайы фардыг | Текст песни

Ахæм мой ма скæнин æз...
Уæртæ мын авд хохы фале залиаг калм цыкурайы фæрдыгæй хъaзы, уый равайдæн у, арвайдæн!
Уый мæнæн чи 'рбахæссид, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал...
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны!

Ахæм мой ма скæнин æз...
Уæртæ мын Хъæриу-хохы сæрæй авд суадоны цы фурдмæ хауынц, уым цаддон бабызтæ сæхи найынц!
Уыдонæй мын чи 'рбахæссид, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал...
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны!

Ахæм мой ма скæнин æз...
Уæртæ мын Сау денджызы астæу сакъадахæй сау рувас цæуы,
Уый царм мæнæн авцæгготæн чи 'рбахæссид, æз уымæн радтин разыйы дзуапп, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал!
Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, дунейы рæсугъд æмæ мой кæны!

Рараст хæххон цуанон, рараст.
Сынты базыры хуызæн æфсургъыл баппæрста йæ саргъ, йæ нымæт, лæппутæ!
Гъеныр дунейы рæсугъд мæнæн разыйы дзуапп куы радтид, æз уымæн уæларвæй стъалы раскъæфин.
Уæй, дæлдзæхæй йын æнусон цард ракурин!
Гъеныр фарн хъусджытæн æмæ уыдоны 'рцыдмæ дзæбæхæй фæцæрат!

Алёна Гуссоева еще тексты


Видео
Нет видео
-
Сейчас смотрят
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 4