Альбина Царикаева.
"Ду - мæ сагъæс".
Еунæг дæу цæсгон инун,
Кумæ цæун - нæ зонун.
Зæрди фæндуй дæу фæййинун,
Æз нæ зонун, ци кæнун.
Мæ фуни дæ ку инон,
Уæд рæсугъд кæнуй мæ бон.
Адгин дзурдтæ мин кæнис,
Дæ цæститæй мæ содзис.
Базард:
Ду - мæ сагъæс, ду - мæ рист,
Ду мæ сагъæсти цæрис.
Уазали мæ гъар кæнис,
Талинги мин рохс дæттис.
Хор кæсуй - уазал кæнун,
Æнæ дæуæй нæ цæрун.
Тæвдæ бони ду - мæ дон,
Ду - мæ зæрдæ, мæ уарзон.
Еунæг дæу цæсгон инун,
Кумæ цæун - нæ зонун.
Зæрди фæндуй дæу фæййинун,
Æз нæ зонун, ци кæнун.
Базард.
Солæфун, дæу ку фæййинун,
Дæу мæтгин дзурдтæ хезун.
"Уарзун" дæуæн нæ зæгъун,
Дæ билтæй и дзурд хезун.
Хор кæсуй - уазал кæнун,
Æнæ дæуæй нæ цæрун.
Тæвдæ бони ду - мæ дон,
Ду - мæ зæрдæ, мæ уарзон.
Базард.
Ду - мæ сагъæс, ду - мæ рист,
Ду мæ сагъæсти цæрис.
Альбина и Фатима Царикаевы (Салказановы) еще тексты
Другие названия этого текста
- НОВИНКА 2013 - дигорская - Ду Ма Сагьас (0)
- дигорская - Ду Ма Сагьас (0)
- Альбина и Фатима Царикаевы (Салказановы) - Ду Ма Сагьас (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1