Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Альбина Секинаева - Къонайы хъарм | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

( – Нана, дæ конд арт цы хъарм вæййы?
– Мæ гыццыл хур, уый æрмæст арты хъарм нæу. Уый къонайы хъарм у, къонайы…)

Мæ фарсмæ ма ’рбад, мæ хур,
кæстæр дæ
Æмæ дæ зæрдыл иу хъуыддаг лæууæд –
Фыдæй йæ фырт куы нæ цæуа хуыздæрмæ,
Кæнынц уæд адæм сомбон фыдвæд.

Дæхи удау дæ фыдыбæсæ хъахъхъæн,
Рæстæй Хуыцауыл бафæдзæхс дæхи.
Нæй атæхæн æнæ базыртæй маргъæн,
Æнæрхъуыды лæг фесафы йæхи.

Зæхх – мад у, зæгъгæ, баззади ныхасæн,
Æмæ йæ мадау сбуц кæнын фæраз.
Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз.

Фыдыбæстæ у иунæг хæзна, уарз æй,
Йæ сæрвæлтау мын ма фæтæрс зынтæй.
Цы зæххыл цæуынц хорз хистæртæ разæй,
Уым кæстæртæн дæр æгуыдзæг уæвæн нæй.

(У алчидæр йæ буц мадæн фæлмæн хур
Æмæ дæ царды макæй зæрдæ сæтт.
Искæй зæрдæ куы асæттай, мæ хъæбул,
Дæхи зæрдæ дæр афаз уыдзæн уæд.)

Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз!
Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз!

Подробнее: http://region15.ru/docs/music/file/1478/


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-