Музыка Анны Чочиевой стихи Таймураза Хаджеты
ДÆ АЦЫД
Ды ацыдтæ. Дæ нымæг къахдзæф тары
Мæ хатæнмæ æмыр уазал хæссы.
У къуым афтид. Зынггуыр гæлæбу царыл
Уæхствад галау тыгъдбазырæй хуыссы.
Изæрмилтæ. Хъызы мæ уды хохыл.
Тæссар барзæндтæм ехсæй арв хынцы.
Ды ацыдтæ... Æмæ дæуæй у рохы
Дæ пъаты рис, дæ узæлты хъынцъым.
Тæхынц пырх мигътæ. Рудзгуытыл сæ фæрстæ
Гæдыйау хафынц. Ацыдтæ мæнæй...
Ды фæзæджимæ диссаджы æнгæс дæ:
Фæрныг рæстæг, фæлæ дзы зарæг нæй...
Æцæгæлон, æвæлмон, хъулон, барджын,
Къæйных дуне мæ рудзгуыты цæуы.
Цыма мæ раджы ферох дæ, ды раджы,
Фæлæ дæ сурæт цæсты раз лæууы.
Тæхынц пырх мигътæ. Рацахсын фæнды
Мæн, урс æфсургътау, уыдонæн сæ идон,
Фæлæ дзæгъæлы.. Аууæрд сæ, уæд дзы
Ныллæдæрсы мæ уды бынмæ ихдон.
Анна Чочиева еще тексты
Другие названия этого текста
- Анна Чочиева - Ды ацыдтæ (acoustic) (0)
- Анна Чочиева - Ды ацыдтæ (ног верси) (0)
Сейчас смотрят
- Анна Чочиева - Ды ацыдтæ (acoustic)
- САНЬКА Томсон - Жизнь началась заново
- Don Omar feat. Lucenzo - kl[
- Suprême NTM - That's My People
- ВеЖлиВая✾ ✿ ❀ - Ты и я
- Гульнур Оразымбетова - Мереке
- Dobrowolski (Kavabanga Depo Kolibri) - Неразгаданный кроссворд (Kavabanga Depo Kolibri, Самовыдуманный рай, Развели Нас, Медленно, девочка, влюбийство, осколки, держи ее за руку, с приветом, пил, курил,...
- Garlic Kings - Девчачья
- Алмаз Ахметшин - Әссәламагаләйкүм
- WWE - дх
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1