Стихи Азау
Уæларвон зæд æви дæлимон, —
Кæй хуызы мæ фæндты фæзындтæ?
Æз а уалдзæг уарзты куы симдтон,
Уæд дунейы иунæг ды уыдтæ.
Гитара ’хсæв фæзмы ’мæ зары,
Мæн хæдзармæ уынгæй нæ фæнды.
Нæ уарзты ыстъалы æнкъардæй
Æрхæндæг тын зæххмæ нывæнды.
Æз кувын уæларвмæ уон демæ,
Куыд уыдзæн нæ фидæн, нæ зонын.
О, ма кæ, о, ма хъаз ды мемæ,
О, ма раив амонд фæсмонæй.
О, ма кæ.
Куыд уыдзæн сом, нæ зонын,
Æз бахаудтæн уарзты къæпхæны.
Мæн чидæр йæ фæдыл нæ хоны,
Мæн чидæр сæрибар нæ кæны.
Анна Чочиева еще тексты
Другие названия этого текста
- Анна Чочиева - О, макæ! (демо-версия) (0)
- Анна Чочиева - О, макæ! (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1