Дугъы лæппутæй чи разындзæн цырддæр?
Чызытæй абон чи равзардзæн хуыздæр?
Кафагæн кæнынц нæ фæсивæд æмдзæгъд,
Цай ма, нæ фæндыр, нæртон симд æрцæгъд!
Уæздан симд ахæссы дунемæ фидиуæг Ирæй,
Ирон симд 'ссузы алкæйы риуы цæхæр,
Уый махæн фыдæлтæй баззади намысы кадæн,
Нæ зæрдыты фидар балцы куы вæййæм уæдтæр!
Расимут фæсивæд, рацæут симдмæ уæ хонæм,
Байтаут уæ хæрзтæ, бакæнут Ирæн лæгкат,
Адæмы хæзна у хистæрæй кæстæрмæ зонæм,
Уæздан у нæртон симд, фыдæлты фарн æмæ кад!
Куыд рæсугъд кафут, куыд!
Æй, уæ цæрæн бон бирæ 'рбауа!
Æнусон къæдзæхтæн сæ кады рагон дæр таурæгъ,
Нæ кæмтты сыуадæтты æхсидгæ доны сыр-сыр,
Ныхæстон лæппуты тохы уæлахизы зарæг,
Нæ уæздан чызджыты уалдзыгон зарæг фæнды.
Расимут фæсивæд, рацæут симдмæ уæ хонæм,
Байтаут уæ хæрзтæ, бакæнут Ирæн лæгкад,
Адæмы хæзна у хистæрæй кæстæрмæ зонæм,
Уæздан у нæртон симд, фыдæлты фарн æмæ кад!
-Симд, фæсивæд, симд!
Рацагъд.
-Тымбыл кафтæй, æрцæгъд симдæй!
Рацагъд.
-Æй, уæ цæрæн бон бирæ 'рбауа!
Цæргæсау атæх уæлæрвтæм дæ фæндаг фæрнæй,
Æрцæгъдут, фæндыртæ, кафæджы ауадзут размæ,
Нæртон симд æцæг у аивады фидар мæсыг.
Расимут фæсивæд, рацæут симдмæ уæ хонæм,
Байтаут уæ хæрзтæ, бакæнут Ирæн лæгкат,
Адæмы хæзна у хистæрæй кæстæрмæ зонæм,
Уæздан у нæртон симд, фыдæлты фарн æмæ кад!
Анс "Æфсати" еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1