Уæй, нæ хæхбæстæ нын,
Уæй, куы не ’фсадынц хорæй.
Уæй, хорз Аким куы бадзуры:
«Цæуон быдырмæ
Мæ сабитæн хор лæсынмæ».
Уæй, мæнæ тох!
Уæй, Ходы къуылдымтæ
Уæй, далæ нæ куы ласынц.
Уæй, хорз Аким куы бадзуры:
«Мæнмæ мæ сабитæ
Æнхъæлмæ куы кæсынц».
Уæй, мæнæ тох!
Уæй, Елхоты дзедыр
Стыхст йæ хъæддаг балтимæ.
Уæй, хорз Аким куы бадзуры:
«Ауадзут мæ
Мæ фæллад галтимæ».
Уæй, мæнæ тох!
Уæй, фæззæджы мигъы бон,
Уæй, мæ фæндаг æрцахста.
Уæй, хорз Аким куы бадзуры:
«Гозымы-фырт мæ фæстейæ
Мæнгардæй æрбахста».
Уæй, мæнæ тох!
Слова и музыка народные
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Ансамбль «Къона» (сол. Таму Берозов и Тимур Илаев) еще тексты
Другие названия этого текста
- Ансамбль «Къона» (сол. Таму Берозов и Тимур Илаев) - Тотиты Акимы зараг (0)
- Ансамбль «Къона» (сол. Таму Берозов и Тимур Илаев) - Тотиты Акимы зарæг (0)
- ӃОNА - Тотиты Акимы зарæг (сол. Таймураз Берозов и Тимур Илаев) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1