Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ,
Уæ фарнæй фæрнджын – ирон хæдзæрттæ.
Сымахæй цæуынц уæ хорз кæстæртæм
Хъæбатырдзинад, рæсугъд æгъдæуттæ.
Ацы дунейы адджынæн баззад
Фыдæлты уæзæг, райгуырæн бæстæ.
Терчы донæй дæр, нæ буц хистæртæ,
Нæ бафиддзыстæм уæ бирæ хæрзтæ.
Карз тохы заман бæсты сæрвæлтау,
Знаджы гæнах уæ риутæй састат.
Уæддаер нæ буцæй нæ цардуалдзæджы
Уæ фæллад къухтыл бирæ фæхастат.
Нæ Иры зæхмæ бæрзонд уæлæрвтæй
Хъызт зымæджы дæр зæрин тын хауы.
Æмæ рæсугьдæй хистæры зондæй
Кæстæры амонд æфсир æфтауы.
Цы нын баззади рæсугъддзинадæй,
Нæ фæрныг царды уый байтаудзыстæм.
Нæ буц хистæртæ, мах уе сконд артдзæст
Æрхуыссын кæнын нæ бауадздзыстæм.
Слова Ахсара Чеджемова, музыка Эльбруса Моргоева
«Музыкальная культура осетин» © 2011
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Ансамбль «Суадон» (сол. Казбек Салбиев) еще тексты
Другие названия этого текста
- (Осетия) Алла Хадикова - Хистæрты зарæг (0)
- (535)Алла Хадикова - Хистæрты зарæг (0)
- Ансамбль «Суадон» (сол. Казбек Салбиев) - Нæ буц хистæртæ (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2