Уæ, дзæгъæйладжы Керчы бæстæ,
Мæ тæригъæдæй басудзай.
{Мæ мад мæм нæхимæ
Æнхъæлмæ кæсы,
Ды та мыл сыджыт ныккалдтай.} x2
Атæх, атæх, ды, зæрватыкк,
Хæхтæн, быдыртæн сæ сæртыл.
{Фехъуысын кæн
Мæ мад, мæ фыдæн
Се ’намонд фырты хабæрттæ.} x2
Мауал æм æнхъæлмæ кæсут —
Нал æрыздæхдзæни уæ фырт:
{Знаджы тæвд нæмыгæй
Карз тохы фæмард,
Керчы былыл та ныгæд и…} x2
Слова и музыка народные
«Музыкальная культура осетин»
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Ансамбль «Чепена» еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1