Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм - Сæр 1 | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

1 Павелæй, Йесо Чырыстийы апостолæй Хуыцау кæй сæвзæрста, уымæй, æмæ æфсымæр Сосфенæй

2 Хуыцауы аргъуанмæ Коринфы — Хуыцау кæй æрхуыдта æмæ Йесо Чырыстийы руаджы кæй ссыгъдæг кодта, уыдонмæ; стæй алы ран дæр нæ Хицау Йесо Чырыстийы, нæ иумæйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмæ сеппæтмæ дæр.

3 Хорзæх æмæ уын фарн нæ Фыд Хуыцауæй æмæ Хицау Йесо Чырыстийæ.

Павел бузныг у Хуыцауæй

4 Æз сымах тыххæй иудадзыг арфæ кæнын мæ Хуыцауæн, Йесо Чырыстийы руаджы уæ Йæ хорзæхæй кæй схайджын кодта, уый фæдыл.

5 Уымæн æмæ Йесоимæ баиуы руаджы сымах схъæздыг стут алцæмæй дæр: алы ныхасæй æмæ алы зонынадæй.

6 Чырыстийы тыххæй уын цы загъдæуыд, уый цæры уæ зæрдæты.

7 Уымæ гæсгæ, нæ Хицау Йесо Чырыстийы æрцыдмæ æнхъæлмæгæсгæйæ, иу курдиатæй дæр æнæхай не стут.

8 Æмæ уæ нæ Хицау Йесо Чырысти сфидар кæндзæни кæронмæ, цæмæй Йæ æрцыды бон уат æнæфау.

9 Йæ Фыртимæ, нæ Хицау Йесо Чырыстиимæ, сымах цæрынмæ Чи æрхуыдта, уыцы Хуыцау Йæ дзырд никуы сайы.

Быцæутæ аргъуаны

10 Нæ Хицау Йесо Чырыстийы номæй уæ курын, æфсымæртæ, цæмæй уеппæт дæр æмбарат кæрæдзи æмæ дихтæ ма кæнат, фæлæ уат æнгом — æмуд æмæ æмзонд.

11 Уымæн æмæ æз Хлойæйы хæдзаронтæй фехъуыстон, ме ’фсымæртæ, хъаугъатæ уæм кæй ис, уый тыххæй.

12 Æз уый зæгъынмæ хъавын, æмæ сымахæй алчвдæр дзуры: «Æз Павелы ахуыргæнинаг дæн», «Æз Аполлосы ахуыргæнинаг дæн», «Æз Кифæйы ахуыргæнинагдæн», «Æз Чырыстийы ахуыргæнинаг дæн».

13 Ау, Чырысти ныддихтæ? Ау, Павелы байтыгъдæуыд уæ сæраппонд?

Кæнæ уыл Павелы номыл саргъуыдæуыд?

14 Бузныгдæн Хуыцауæй, Крисп æмæ Гайы йеддæмæ сымахæй кæй никæуыл саргъуыдтон, уый тыххæй.

15 Афтæ никæй бон у зæгъын, æмæ уыл мæ номыл саргъуыдæуыд.

16 Саргъуыдтон ма Стефаны хæдзаронтыл дæр. Æндæр ма искæуыл саргъуыдтон, уый нæ хъуыды кæнын.

17 Чырысти мæ аргъауынмæ нæ рарвыста, фæлæ фарны уац хъусын кæнынмæ, уыимæ зондджын къæбæлдзыг ныхæстæй нæ, цæмæй ма фесæфа Чырыстийы дзуары тых.

Хуыцауы тых æмæ зонд

18 Сæфты фæндагыл цæуджытæ дзуары тыххæй ныхас æнæзондыл нымайынц, махæн та, фервæзыны фæндагыл цæуджытæн, Хуыцауы тых у.

19 Афтæ зæгъы Сыгъдæг Фыст дæр: «Зондджынтæн фесафдзынæн се стыр зонд, æмбаргæтæ нал æмбардзысты».

20 Кæм и зондджын? Кæм и динамонæг? Кæм ис ацы дунейы хъуыдыгæнæг? Хуыцау ацы дунейы зонд æнæзонд не скодта, мыййаг?

21 Хуыцау Йæ зондмæ гæсгæ куыд снысан кодта, афтæ дуне йæхи зондæй Хуыцауы кæй нæ базыдта, уымæ гæсгæ Хуыцауы бафæндыди дзуары тыххæй «æнæзонд» ныхасы фæрцы уырнджыты фервæзын кæнын.

22 Уымæн æмæ иудейтæ диссæгтæ домынц, бердзентæ зонд агурынц,

23 Мах та хъусын кæнæм дзуарыл тыгъд Чырыстийы тыххæй, æмæ нæ ныхас иудейтæн


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-