Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм - Сæр 10 | Текст песни

Израилæгтыл цы æрцыд, уый зондыхос у
1 Мæн фæнды, æфсымæртæ, цæмæй сымах зонат, нæ фыдæлтæ иууылдæр æврагъы дæлбазыр кæй уыдысты, æмæ сеппæт дæр Сырх денджызыл кæй ахызтысты, уый.2 Уыдонæн сеппæтыл дæр Моисеимæ саргъуыдæуыд æврагъ æмæ денджызы.3 Сеппæт дæр хордтой уыциу уæларвон хойраг.4 Сеппæт дæр нуæзтой уыциу уæларвон донæй — семæ чи уыдис, уыцы уæларвон къæдзæхæй ракæлгæ донæй; уыцы къæдзæх та уыди Чырысти.5 Фæлæ Хуыцау сæ фылдæрæй райгонд нæ уыд, æмæ фæцагъды сты æдзæрæг бæстæйы.6 Уыдæттæ та махæн зондыхос сты — фыдæхмæ æмхиц ма уæм, уыдон æм куыд æмхиц уыдысты, афтæ.7 Ма ут мæнгхуыцæуттæн кувджытæ, уыдонæй сын бирæтæ куыд куывтой, афтæ; Сыгъдæг Фыст уыдоны тыххæй зæгъы: «Адæм æрбадтысты хæрд æмæ нозтыл, стæй сыстадысты æмæ сын бацайдагъ хъазт».8 Ма хæтæм, уыдонæй бирæтæ хæтыныл куыд бафтыдысты, афтæ; уый тыххæй дзы иу бонмæ фæмард æртæ æмæ ссæдз мины.9 Ма къахæм Чырыстийы, уыдонæй Йæ бирæтæ куыд къахтой, афтæ; уый тыххæй фæцагъды сты кæлмыты хæстæй.10 Ма хъуыр-хъуыр кæнут, уыдонæй бирæтæ куыд хъуыр-хъуыр кодтой, афтæ; уый тыххæй сæ фæцагъта удхæссæг зæд.
11 Сæ хабæрттæ махæн зондыхос сты; æмæ сæ ныффыстæуыди, цæмæй мах, рæстæджы кæроны цæрджытæ, ахуыр кæнæм уыдоныл.12 Уæдæ кæд исчи афтæ æнхъæл у, фидар лæууы, зæгъгæ, уæд кæсæд йæхимæ, цæмæй ма ахауа.13 Сымах бахаудтат, адæймаг кæм бахауы, ахæм фæлварæны. Фæлæ Хуыцау иузæрдион у, æмæ уыл не ’руадздзæн, тых уæм кæй фаг нæ разына, ахæм фæлварæн, фæлæ уын уæ фæлварæны баххуыс кæндзæн, куыд ын бафæразат, афтæ.Хицауы фынг æмæ дæлимонты фынг14 Уæдæ, мæ уарзон хæлæрттæ, уæхи хизут мæнгхуыцæуттæм кувынæй.
15 Æз зæгъын, æмбаргæтæн куыд фæзагъдæуы, афтæ. Æмæ цы зæгъын, ууыл уæхæдæг ахъуыды кæнут.
16 Цы арфæйы кæхцы тыххæй арфæ кæнæм, уый мах Чырыстийы Тугимæ нæ иу кæны, æви? Æмæ цы дзул асæттæм, уый мах Чырыстийы Буаримæ нæ иу кæны, æви?17 Дзул иу кæй у, уымæ гæсгæ мах, бирæ адæм, иу буар стæм, уымæн æмæ иу дзулæй райсы алчидæр йæ хай.18 Акæсут-ма, туг-стæгæй израилаг чи у, уыдонмæ — нывондæй куы фæхæрынц, уæд нывондхæссæны раз лæггадгæнджытæ нæ вæййынц, æви?19 Æз цы зæгъын уымæй? Мæнгхуыцау исты у, кæнæ мæнгхуыцауæн цы нывонд æрхæссынц, уый исты у, зæгъгæ?20 Нæ! Фæлæ муртаттæ цы нывондтæ æрхæссынц, уыдоны Хуыцауæн нæ хæссынц, фæлæ дæлимонтæн. Мæн та нæ фæнды, æмæ дæлимонтимæ баст уат.21 Хицауы кæхцæй дæр нуазын æмæ дæлимонты кæхцæй дæр нуазын уын не ’мбæлы. Хицауы фынгыл дæр бадын æмæ дæлимонты фынгыл дæр бадын уын не ’мбæлы.22 Ау, мах Хицауы мæсты кæндзыстæм? Мах Уымæй, мыййаг, тыхджындæр стæм?
Цы

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-