Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм - Сæр 4 | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Чырыстийы апостолтæ

1 Уæдæ нæ сымах хъуамæ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йæ сусæгдзинæдтæ кæуыл баууæндыди, уыдоныл.

2 Æмæ ахæм æууæнкæй чи фæхайджын, уыдонæй домдæуы сæхи иузæрдионæй равдисын.

3 Сымах кæнæ иннæ адæм мæнæн цы аргъ кæнынц, уый мæ не ’ндавы. Æз мæхæдæг дæр мæхицæн аргъгæнæг нæ дæн.

4 Кæд мæ зæрдæ мæхимæ ницæмæй æхсайы, уæддæр уымæй мæхи нæ раст кæнын; тæрхонгæнæг мын Хицау у.

5 Уæдæ афонæй раздæр тæрхон ма кæнут, цалынмæ Хицау æрцæуа, уæдмæ — Уый хурмæ рахæсдзæни талынджы æмбæхст хъуыддæгтæ, раргом кæндзæни зæрдæйы фæндтæ, æмæ уæд Хуыцауæй алчидæр райсдзæн йæ хæрзиуæг.

6 Æз цы дзырдтон, æфсымæртæ, уый уæ сæраппонд мæхи æмæ Аполлосы тыххæй загътон, цæмæй мах бафæзмат, фыст цы у, уый сæрты нæ хизыныл — иу адæймагæй сæрыстыр ма уат, иннæйыл та дæлæмæ ма хæцат.

7 Дæу уæлдæр чи æвæры? Цыдæриддæр дæм ис, уый Хуыцауæй нæ райстай, æви? Æмæ йæ кæд Хуыцауæй райстай, уæд цы æппæлыс, цыма дæхи у, афтæ?

8 Сымахмæ ныридæгæн фагæй фылдæр ис æппæт дæр, ныридæгæн схъæздыг стут, æнæ мах систут паддзæхтæ. Бæргæ паддзахиуæг æцæгæй куы кæниккат, цæмæй мах дæр уемæ суæм паддзæхтæ!

9 Уымæн æмæ мæнмæ афтæ фæкæсы, æмæ мах, апостолты, Хуыцау сæвæрдта тæккæ цауддæрты бынаты — цыма нын рахастæуыд, адæм нæм куыд кæсой, афтæмæй амарыны тæрхон. Махыл йæ цæст æрæвæрдтадун-дуне — зæдтæ æмæ адæм.

10 Мах æнæзонд стæм Чырыстийы сæраппонд, сымах та зондджын чырыстæттæ стут; мах æдых стæм, сымах та — тыхджын; сымах кадджын стут, мах та — æгад.

11 Суанг абон дæр æййафæм стонг æмæ дойны, бæгънæг, нæмынц нæ, рахау-бахау кæнæм,

12 Нæхи цæнгтæй кæнæм уæззау куыст. Æлгъитынц нæ, мах та сын Хуыцауæй хорзæх курæм. Æфхæрынц нæ, æмæ мах фæразæм.

13 Цъыф ныл калынц, мах та сæ нæ дзыхыныхасæй рæвдауæм. Мах абонмæ дунейæн æмæ алкæмæн дæр стæм быронау.

14 Æз уыдæттæ уый тыххæй нæ фыссын, æмæ уæхиуыл æрхудат, фæлæ уын, уарзон хъæбултæн амонæгау, зонд амонын.

15 Кæд уын бирæ чырыстон хъомылгæнджытæ ис, уæддæр уын фыдæлтæ бирæ нæй — фарны уац уæм æрхæссыны фæрцы Йесо Чырыстийы хъаруйæ æз сдæн уæ ныййарæг.

16 Уымæ гæсгæ уæ зæрдиагæй курын: фæзмут мæ [æз Чырыстийы куыд фæзмын, афтæ].

17 Уый тыххæй уæм арвыстон Тимофейы — Хицауыл иузæрдион чи у, мæ уыцы уарзон хъæбулы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзæн, Йесо Чырыстийы мæ цардæй куыд фæзмын, уый; мæ уыцы цард у, алы аргъуаны дæр цæуыл ахуыр кæнын, уымæ гæсгæ.

18 Сымахæй чидæртæ схъал сты — афтæ сæм кæсы, цыма æ


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-