Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм - Сæр 6 | Текст песни

Уырнджыты хъаугъатæ

1 Уæ иу иннæйыл куы фæхъаст кæны, уæд йæ ныфс куыд хæссы йæ хъаст æнæхуыцæуттæм бахæссынмæ, сыгъдæджыты бæсты йын уыдон куыд тæрхон кæной, афтæ?

2 Дунейæн сыгъдæджытæ кæй тæрхон кæндзысты, уый нæ зонут, æви? Кæд иугæр дунейæн сымах тæрхон кæндзыстут, уæд хуымæтæг хъуыддæгтæ равзарыны аккаг не стут?

3 Зæдтæн мах кæй тæрхон кæндзыстæм, уый нæ зонут, æви? Уæд зæххон царды быцæутæ равзарын нæ бон нæу?

4 Кæд ахæм быцæутæ рауайы, уæд сын тæрхонгæнджытæй цæмæн сæвæрут, аргъуанмæ чи ницы бар дары, уыдоны?

5 Уæхиуыл æрхудыны тыххæй уын зæгъын: йе ’фсымæрты быцæу чи равзара, иунæг ахæм зондджын лæг дæр уæм нæй, æви?

6 Сымахмæ та æфсымæр æфсымæрыл хъаст кæны, уыимæ йæ хъаст æнæуырнджыты размæ хæссы.

7 Кæрæдзийыл кæй хъаст кæнут, æрмæст уый дæр уæ стыр æгадмæ æртардта. Æфхæрды бынаты баззайын уын хуыздæр нæ уаид? Куы уæ бастыгъдæуа, уæд уын хуыздæр нæ уаид?

8 Сымах та уæхæдæг æфхæрут æмæ стигъут. Æмæ кæй? Уе ’фсымæрты!

9 Æви галиутæ Хуыцауы Паддзахадмæ кæй нæ бацæудзысты, уый нæ зонут? Уæхи ма сайут: нæдæр хæлд адæм, нæдæр мæнгхуыцæуттæн кувджытæ, нæдæр хæзгултæ, нæдæр нæлмойтæ,

10 Нæдæр давджытæ, нæдæр кæрæфтæ, нæдæр расыггæнджытæ, нæдæр цъыфкалджытæ, нæдæр стигъджытæ Хуыцауы Паддзахадмæ нæ бацæудзысты.

11 Сымахæй дæр иуæй-иутæ ахæмтæ уыдысты, фæлæ æхсад æрцыдыстут, ссыгъдæг æмæ сраст стут нæ Хицау Йесо Чырыстийы хъаруйæ æмæ нæ Хуыцауы Уды руаджы.

Кад кæнут Хуыцауæн уæ буарæй дæр

12 Ис мын алцыдæр кæныны бар, фæлæ мын алцы пайда нæу. Ис мын алцыдæр кæныны бар, фæлæ хъуамæ мацæй цагъар суон.

13 Хойраг гуыбынæн у, гуыбын та — хойрагæн, фæлæ Хуыцау сæ дыууæйы дæр фесафдзæни. Буар та хæтынæн нæу, фæлæ Хицауæн, Хицау та буарæн дæр хицау у.

14 Хуыцау Йæ хъаруйæ райгас кодта Хицауы, райгас кæндзæни мах дæр.

15 Уæ буæрттæ Чырыстийы уæнгтæ кæй сты, уый нæ зонут, æви? Уæдæ Чырыстийы буары уæнгтæ райсдзынæн æмæ сæ хъахбайы уæнгтæ фестын кæндзынæн? Ницы хуызы!

16 Кæнæ хъахбайимæ чи æриу уа, уый йемæ иу буар кæй свæййы, уый нæ зонут, æви? Уымæн æмæ афтæ загъдæуыд: «Дыууæ уыдзысты иу буар».

17 Хицауимæ чи баиу вæййы, уый та Хицауимæ уды æгъдауæй иу у.

18 Уæхи хизут хæтынæй: адæймаг цыдæриддæр тæригъæды бафты, уый буары æдде вæййы, фæлæ хæтаг йæхи буары тæригъæды цæуы.

19 Хуыцауæй Кæй райстат, уæ буар уыцы Сыгъдæг Уды хæдзар кæй у, уый нæ зонут, æви? Æмæ уæхиуыл уæ бар нæ цæуы,

20 Уымæн æмæ уæ стыр аргъæй балхæдæуыд. Уæдæ кад кæнут Хуыцауæн уæ буарæй.

Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1