Апостолы бартæ
1 Ау, æз апостол нæ дæн? Ау, æз сæрибар нæ дæн? Æз нæ Хицау Йесо Чырыстийы нæ федтон, æви? Æз Хицауы сæраппонд цы бакодтон, сымах мæ уыцы фæллой не стут, æви?
2 Кæд иннæтæн апостол нæ дæн, уæддæр сымахæн апостол дæн. Æз Хицауы апостол кæй дæн, уымæн æвдисæйнаг сымах стут.
3 Гъе, уый у мæ дзуапп, мæныл даутæ чи кæны, уыдонæн.
4 Æви махæн хæрыны æмæ нуазыны бар нæй?
5 Æви иннæ апостолтæн, Хицауы æфсымæртæн æмæ Кифæйæн, устытæ куыд ис, афтæ мæнæн нæй уырнæг хотæй цардæмбал скæныны бар, цæмæй кæмдæриддæр мемæ уа?
6 Æви æрмæст мæнæн æмæ Варнавæйæн нæй нæ кусыны бар?
7 Уый кæд уыдис, æмæ æфсæддон йæхæдæг йæхи дара? Сæнæфсир ныссадзæг сæнæфсиры гагатæй ма хæра? Дзуг чи хизы, уый æхсыр ма нуаза?
8 Æппæт уыдæттæ æз, мыййаг, адæймаджы зондæй зæгъын? Моисейы Æгъдау дæр афтæ нæ зæгъы, æви?
9 Уымæн æмæ дзы фыст ис: «Найгæнæг галæн йæ дзых бастæй ма дар». Хуыцауы мæт, мыййаг, галтыл у?
10 Æви уый мах тыххæй загъд у? Кæй зæгъын æй хъæуы, уый мах тыххæй фыст у; уымæн æмæ хуымгæнæг хъуамæ хуым кæна зæрдæдаргæйæ, æмæ найгæнæг най кæна йæ хай райсыны ныфсимæ.
11 Мах уæ удтæн байтыдтам тауинаг уæ зæрдæты, æмæ нæ гуыбынæн исты куы æркæрдæм, уæд уый æгæр уыдзæни?
12 Иннæтæн уæм ахæм бар кæм ис, уым мах уыдонæй барджындæр не стæм, æви? Уыцы бартæй мах уæвгæ дæр нæ пайда кодтам, фæлæ быхсæм алцæмæн дæр, цæмæй Чырыстийы фарны уацæн мацы цæлхдур сæвæрæм.
13 Хуыцауы хæдзары чи лæггад кæны, уыдон сæ хæлц уырдыгæй кæй исынц, æмæ нывондхæссæны раз лæггадгæнджытæн нывондтæй хай кæй ис, уый нæ зонут, æви?
14 Афтæ Хицау фарны уац хъусынгæнджытæн дæр бафæдзæхста фарны уац хъусын кæнынæй цæрын.
15 Фæлæ æз уыцы бартæй не спайда кодтон; мæ фыстæг дæр уæм уый тыххæй нæ фыссын, æмæ сæ пайда кæнын райдайон. Уый бæсты мæ амæлæт хуыздæр уаид! Раппæлинагæй мæм цы ис, уымæй мæ æнæхай ничи фæкæндзæн.
16 Æз фарны уац адæммæ кæй хæссын, уымæй мæхицæй нæ раппæлдзынæн — уый мæ хæс у, æмæ додой мæ сæр, фарны уац адæммæ куы нæ хæссон, уæд!
17 Уыцы куыст барвæндонæй куы кæнин, уæд мын уаид мызд; фæлæ йæ æз барвæндонæй нæ кæнын — æз æрмæст аразын, цы хъуыддаг мын бафæдзæхстæуыд, уый.
18 Уæдæ мæ мызд цы у? Мæ мызд уый у, æмæ фарны уац хъусын кæнын лæвар, æмæ афтæмæй фарны уац хъусынгæнæджы бартæй нæ пайда кæнын.
19 Æз никæй дæлбар дæн, уæддæр алкæмæн дæр мæхицæй скодтон цагъар, цæмæй æрхонон фылдæр адæм.
20 Иудейты æрхоныны сæраппонд иудейтæн æз
Апостол Павелы фыццаг фыстæг коринфæгтæм еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1