Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Артур Джимиев - О зарда зарда | Текст песни

Цы кæрт фидыдта йæ дыргьбæласæй гъей,
Уым иу чызг зарыд зæлдаг хъæлæсæй, гъей,
Уымæ хъусгæйæ, уымæ кæсгæйæ, уымæ кæсгæйæ,
Мæ риуы ссыгъди мæ уарзты цæхæр,гъей.
Мæ риуы ссыгъди мæ уарзты цæхæр, мæ уарзты цæхæр,
О зæрдæ, зæрдæ , тонынц мæ фæрстæ, гъей.

Зæрдæйы арфы цы сурæт хастон, гъей,
Стъалыты ахсæн æз уый æссардтон, гъей.
æз цалдæр азы цы чызы уарзтон, цы чызы уарзтон,
Уымæн мæ риуы 'скодтон ахстдон, гъей.

Фæстаг фембæлды 'скодтон хатдзæг, гъей,
Афтæ мæм фæкаст чызгай у разы, гъей,
Сызгъæрин фестад дæ ныййарджытæ, дæ ныййарджытæ,
Кæй намыс хæссыс бæрзонд уæларвты, гъей,
Кæй намыс хæссыс бæрзонд уæлæрвты, бæрзонд уæлæрвты,
О зæрдæ, зæрдæ, тонынц мæ фæрстæ, гъей.

Хуыцæутты Хуыцау дæуæй æз курын, гъей,
Мæ сыгъдæг уарзт мын дæ уазæг бакæн, гъей,
Мæ уæздан фыд мæ æфсæрмы кæны, æфсæрмы кæны,
Ды йын мæ бæсты мæ сагъæс ракæн, гъей...

Дæттæм дзырдыбар нæ буц хистæртæмн, гъей,
Æрцыд йæ рæстæг нæ чындзæхсæвæн, гъей,
Зынаргъ хъæубæста, мæ хорз хæлæртта, мæ хорз хæлæрттæ,
Хонæм уæ райсом нæ чындзæхсæвмæ, гъей
Зынаргъ хъæубæстæ, мæ хорз хæлæрттæ, мæ хорз хæлæрттæ,
Хонæм уæ райсом нæ чындзæхсæвмæ, гъей,
Хонæм уæ райсом нæ чындзæхсæвмæ, гъей,
Хонæм уæ райсом нæ чындзмхсæвмæ, гъей.


Артур Джимиев еще тексты


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-