Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Ахсар Джигкаев - О, мæ хур | Текст песни

О, мæ хур, арвыл ыстылдис мæй,
Нал хъусынц мæргътæн сæ зарджытæ,
Зарын дыл Терчы был иунæгæй:
«Цардау мæ зæрдæйæн адджын дæ!»

Аив — дæ бахудт, дæ цæстæнгас.
Хуртыхур, мæй дæм цырагъ дары.
Гъей-джиди, баууæнд дæм иу ныхас, —
Зæрдæ æнцойдзинад куы нал ары.

Ирæн йæ кадджындæр усгуртыл
Айхъуыст, сæрæн чызг, дæ кады кой.
Уастæн, тæхудиаг, амондджын,
Ды сæ кæмæн бауай удæнцой?

Уæлæ цъæх арвыл фæтулы мæй,
Тар æхсæв акъул и бонырдæм.
«Ауай дæ хæдзармæ!» — дзуры мæм,
Фæлæ мæ зæрдæ куы нæ домы...

О, мæ хур, ыстылдис мæй,
Нал хъусынц сæ зарджытæ,
Зарын дыл æз иунæгаæй:
«О, мæ зæрдæйæн куыд адджын дæ!»

О, мæ хур, ыстылдис арвыл мæй,
Булæмæргъ фæци йæ зарджытæ.
Зарын Терчы был ныр иунæгæй:
«О, мæ зæрдæйæн куыд адджын дæ!»


Ахсар Джигкаев еще тексты


Видео
Нет видео
-
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1