Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Ацамаз Кочиев - Салд уд | Текст песни

Зæрдæ ихы къæрттау асаст, —
Ныр æнцойад нал зоны.
Уарзондзинад — ихджын цъити —
Тайын кæны уалдзæджы.

О, Хуыцау, ныппар мын,
Фаг кæй нæ куывтон,
Уарзты цинæн аргъ кæнын
Кæй нæ зыдтон.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Æз рæхджы куы нæ фæзынон
Ма 'ууæнд — ацыдтæн дæуæй,
Ды мæ салд уд ысхъарм кæн,
Демæ баззайон цæмæй.

О, Хуыцау, ныппар мын,
Фаг кæй нæ куывтон.
Уарзты цинæн аргъ кæнын
Кæй нæ зыдтон.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Сис мæ, уазал ихæй байс мæ,
Батав уарзты зынгæй мæн.
Уарзт фæтыхджын уа мæлæтыл
Уарзт у диссаджы кæлæн.

О, Хуыцау, ныббар мын
Фаг кæй нæ куывтон.
Уарзты цинæн аргъ кæнын
Кæй нæ зыдтон.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Бафæлварон уарзондзинад
А царды,
Бафæлварон схъарм кæнын
Мæ салд уды.

Ацамаз Кочиев еще тексты


Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-