Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Баллаев В. - Сау цастыта | Текст песни

Кочысаты Мухарбеджы (1920 — 1944) ныхæстæм гæсгæ

САУ ЦÆСТЫТÆ

Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд?!
Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.

Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой,
Мæнæй фæлыгъдысты тæргай,
Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой:
«Хæрзæбон! Хорз амонд дæ хай!»

Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн,
Æмæ кæд ферох кодтой мæн,
Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй
Мæ зæрды баззади мæнæн.

Тæхуды, абон та кæй тавынц
Сæ хъармæй рухс хурау фæлмæн,
Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц,
Куыд уарзтой цард-уалдзæджы мæн!..

1938 азы 22 июль

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 12
Популярное сейчас
Видео
    Нет видео
    -