Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон – цъæйы комы зæрдæ.
О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,
Демæ мæ æрфæндыди тæхын.
Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад,
Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт.
Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд,
Рухс аргъау – йæ конд æмæ йæ уынд.
Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы,
Цъæйдон, мæ минæвар фæуы.
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт.
Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.
Баллаев В. еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1