УАРЗОНДЗИНАД
Куы мын бахизай кæйдæр къæсæрæй,
Æппынæдзух дæр æз уымæй тарстæн.
Мæ зонд фæлидздзæн мæнæн мæ сæрæй,
Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.
Дæ фæндырдзагъдмæ, дæ рæсугъд зардмæ
Мæ мидфыны дæр æнхъæлмæ кастæн,
Фæлидздзæн ахсæв мæ хуыссæг дардмæ,
Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.
Дæ буц ныхас мæ фæхоны цардмæ,
Дæ тызмæг фæкаст æгъгъæд у мастæн.
Æнцойдзинад мæ фæлидздзæн дардмæ,
Мæ зæрдæйæ та нæй лидзæн уарзтæн.
Кæй фæнды, уый мæ нымайæд сонтыл:
Дæ цæстытæй мæм мæ фидæн разынд.
Кæны уæлахиз мæ зæрдæ зондыл,
Мæ зонд фыццаг хатт æдыхдæр разынд.
Баллаты Валодя еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2