ЦЪÆЙДОН
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон — Цъæйы комы зæрдæ.
О Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,
Демæ мæ æрфæндыди тæхын.
Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад,
Цъæйдон, дæ базыртæ мын ратт.
Амонд мæм Цъæйы комæй æрцыд,
Рухс аргъау — йæ конд æмæ йæ уынд.
Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы,
Цъæйдон, мæ минæвар фæуы.
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Уый хур нæу , уый у мæ судзгæ уарзт.
Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.
Баллаты Валодя еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2