Рог уддзæф рахæссынц денджызы уылæнтæ,
Мæй нын йæ мидбылты худт.
Мæ хъустыл уадысты, чызгай, дæ ныхæстæ,
Кæй уыдзæн нæ цард рæсугъд.
Базард:
Цъæх арвы тыгъдадæй, нæ урссæр къæдзæхтæй
Мæ зæрдæ куы райы, гъей.
Дæ худгæ цæстытæй, дæ аив ныхæстæй
Мæ зæрдæ фæзары, гъей.
Цæсты раз февзæрынц сæрдыгон изæртæ,
Фæндырдзагъд нæ Ирыл хъуыст,
Хъасты-иу агуырдтон, уарзон, дæ цæстытæ,
Æнæ дæу мæ уд-иу рыст.
♫Базард.♫ (2 хатты)
Хайджын уыдзыстæм мах фарн æмæ амондæй,
Бамбар мæ, рæсугъд чызгай.
Буц дæ æз дардзынæн æмæ дын зардзынæн,
Ды дæ мæ амонд, мæ хай.
Базард.
Рог уддзæф рахæссынц денджызы уылæнтæ,
Мæй нын йæ мидбылты худт.
Мæ хъустыл уадысты, чызгай, дæ ныхæстæ,
Кæй уыдзæн нæ цард рæсугъд.
Базард.
Батрадз Фардзинов и Казбек Лалиев еще тексты
Другие названия этого текста
- Батрадз Фардзинов и Казбек Лалиев - Мæ амонд (1)
- Батрадз Фардзинов и Казбек Лалиев - Мæ амонд(ирон) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2