Додой фæкæнат дыккаг хатт, нæ хæхтæ,
Сау фæнык фестат, ыссæуа уыл зынг.
Мæнæ та ноджы уæ тæрхоны лæгтæ
Бацæттæ кодтой уæ хистмæ сæ фынг.
Алы ран сæфæм æбузнæй, æгадæй,
Алы ран кæлы нæ рæзгæты туг.
Алчидæр исы йæ сæрибар радæй, —
Махæн нæ хæлы нæ цагъайраг дуг.
Къордгай ныйистæм, ныууагътам нæ Иры,
’Нæ фыййау фосау ныппырх кодтой мах.
Цъаммар нæ кæмтты, нæ галуанты зилы,
Раст цыма хицау, йе барджын паддзах,
Сылтæн сæ таудзарм йæ зæвæтæй исы,
Сæрзæдтæ къахы, бæтты дзы куитæ.
Хъал, сахъ фæсивæд йæ уындæй дæр ризы,
Куыдз ын рæдувы йæ рæзгæ фыдтæ.
Уæнгтыл ныббадти, пъæззыйау, фыдæнæн,
Залиаг калмау, нæ зондыл æртыхст,
Раздзу сæрджын сагтæн нал ис ызмæлæн,
Калмы сау дæндаг сæ риуы нынныхст...
Уаих æрбау, мæ Иры фæсивæд,
Абонæй дарддæр куы бабыхсай ды:
Сыст æмæ ссарæм нæ фæтæджы зиувæд,
Цом та, фæцæуæм йæ цыртмæ куывды.
Раздзу нæхицæй, нæхицæй ыссарæм,
Барæй хæддзумæ æгъгъæд дæтт дæ бар...
Тохы рухс зарæг иронау ныззарæм...
Уастырджи — не ’мбал. Цом размæ, æмгар!..
(1919)
Бæрзæфцæг еще тексты
Другие названия этого текста
- æмдзæвгæ - Додой (Нигер) (0)
- Бæрзæфцæг - Додой (Нигер) (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1