Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

В. Баллаев - САЛАМ ХÆСТЫБЫДЫРÆЙ | Текст песни

Зары: Баллаты Володя

Салам дæуæн, мæ райгуырæн хæхбæстæ!
Æнæниз у, мæ ныййарæг, мæ мад!

Æрвитын дын хæсты быдырæй абон,
Æрвитын æз Ирыстонæн салам.
Дæ буц хъæбул, дæ иунæг фырт, дæ уарзон
Нæ рох кæны дæу иу минут дæр ам.

Мæ цæстыл уайыс, райгуырæн хъæубæстæ,

Кæм æрвыстон мæ рæзгæ бонты цард.

Мæ цæстыл уайыс алы бон, ныййарæг,
Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр.
Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй, мыййаг, кæд, —
Фæзæгъыс ды, — куы 'рбазынид мæ фырт...»

Æз зонын хорз дæ хъуыдытæ, дæ фæндтæ,
Кæй у дæуæн æнæ мæн, нана, зын.
Æмбарын æз, кæй мыл риссы дæ зæрдæ,
Кæй дæм фæзыны хаттæй-хатт цæссыг...

Мæ мад, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ,
Дзæгъæлы ма кæн, ма, мæ мад, æнкъард, —
Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг,
Нæ дæ ды дæр гъе афтæ иу, мæ мад.

☺ Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст.
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрыстырæй æваст. ☺ (2 хатты)

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-