(Поет В. Баллаев)
Цъæйдон
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт.
☺ Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ,
Цъæйдон – цъæйы комы зæрдæ. ☺ (2 хатты)
О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,
Демæ мæ æрфæндыди тæхын.
☺ Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад,
Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт. ☺ (2 хатты)
Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд,
Рухс аргъау – йæ конд æмæ йæ уынд.
☺ Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы,
Цъæйдон, мæ минæвар фæуы. ☺ (2 хатты)
Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст,
Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт.
☺ Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс,
Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс. ☺ (2 хатты)
В. Баллаев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3