Райсомы бонмæ ма кæсут, райсом цы уыдзæн чи зоны?
*Джызæлы уынгты ауайут, амонд 'рсахсут... (2 хатты)
Дысоны бонмæ ма 'здæхут, цардæн куыд нæ ис уыромæн,
Джызæлы уынгты ауайут, гæрæхтæ кæнгæ линорæй.
Æйт - æйт, лæппутæ!
Æйт - æйт, лæппутæ, абоны, сыр-сыр гæнгæйæ бæгæны,
Ма йæ ныууадзут райсоммæ, сынхъиздзæни дзæгъæлы.
Æйт - æйт, лæппутæ, абоны, цыст-цыст гæнгæ физонæг,
Ма йæ ныууыдзут райсоммæ, фæсмон кæндзыстут фидæныл.
Æйт - æйт, лæппутæ, абоны, лæп-лæп гæнгæйæ чъиритæ,
Ма сæ ныууадзут райсоммæ, акувут цæ, хистæртæ.
Рæсугъд чызджытæм ма кæсут, фыдынтæ дан фылдæр ысты,
Джызæлæй чызг æрбахæссут, уæ цардæй исты фендзыстут. (2 хатты)
Мæлæты бонмæ ма кæсут, ... зарджытæй,
Джызæлы уынгты ауайут, æмæдзагъд, лæппутæ, кафчытæн.
*Æйт - æйт, лæппутæ, абоны, сыр-сыр гæнгæйæ бæгæны,
Ма йæ ныууадзут райсоммæ, сынхъиздзæни дзæгъæлы.
Æйт - æйт, лæппутæ, абоны, цыст-цыст гæнгæ физонæг,
Ма йæ ныууыдзут райсоммæ, фæсмон кæндзыстут фидæныл.
Æйт - æйт, лæппутæ, абоны, лæп-лæп гæнгæйæ чъиритæ,
Ма сæ ныууадзут райсоммæ, акувут цæ, хистæртæ. (2 хатты)
Валерий Сокуров еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2