Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Валерий Сокуров - Лæппутæ | Текст песни

Валерий Сокуров

«Лæппутæ»

Райсомы бонмæ ма кæсут,
Райсом цы уыдзæн, чи зоны…
{Джызæлы уынгты ауайут,
Амонд æрцахсут идонæй.} x2

Дысоны бонмæ ма здæхут,
Цардæн куынæ ис уромæн.
Джызæлы уынгты ауайут,
Гæрахтæ кæнгæ ливорæй.

Базард:

Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, абоны
Сыр-сыр кæнгæйæ бæгæны,
Ма йæ ныууадзут райсоммæ
Сынкыздзæни дзæгъæлы.
Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, абоны
Цъыс-цъыс кæнгæ физонæг,
Ма йæ ныууадзут райсоммæ
Фасмон кæндзыстут
фидæныл.
Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, абоны
Лæпп-лæпп кæнгæйæ чъиритæ,
Ма сæ ныууадзут райсоммæ
Акувут сæ хистæртæ.

Рæсугъд чызджытæм ма кæсут,
Фыдуындтæ, дам, фылдæр ысты.
{Джызæлæй чызг æрбахæссут,
Уæ цардæй исты фендзыстут.} x2

Мæлæты бонмæ ма кæсут,
Дардæй фæтæвды зарджытæй.
Джызæлы уынгты ауайут,
Амдзæгъд лæппутæ кафджытæн.


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-