Цъæх нæу хохыл стыр фосы дзуг
Цæгат фарсыл сабыр хизынц,
Фиййау зары йæ ног дзугыл,
Фæндыр та йын мæргътæ цæгъдынц.
Фосы сæрмæ цæргæс зилы,
Хæлæггæнгæ фиййау йæм дзуры:
«Эхх, тæхуды, дæуæй куы фестин,
Уарзон чызджы ардæм æрхæссин.
Батухин æй хъарм нымæты,
Бамбахсин æй урс сæр мигъты,
Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,
Булæмæргъ та ногæй фестин.
Барвитин æм минæвæрттæ,
Адджын ныхæстæ уымæн кæнин,
Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй,
Ризиккой нæ Иры хæхтæ.
Рог сычъиты дугъы уадзин,
Бур æрсыты кафын кæнин,
Стыр Хъæриуæй Джимарамæ,
Гæпп кæниккой дзабидыртæ.
☺Эхх, куы уаит уыцы рæстæг,
Амондджындæр мæнæй нæ уаит,
Цин кæниккой мемæ иумæ,
Иры адæм, аланты бæстæ».☺ (2 хатты)
Валерий Хуриев еще тексты
Другие названия этого текста
- Валерий Хуриев - Осетинская (0)
- Валерий Хуриев - Фиййауы зарæг (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2