Цъæх нæу хохыл стыр фосы дзуг
Цагат фарсыл сабыр хизынц,
Фыййау зары йæ ног дзугыл,
Фæндыртай йын мæргътæ цæгъдынц.
Фосы сæрмæ цæргæс зилы,
Хæлæггæнгæ фыййау йæм дзуры:
«Эхх, тæхуды, дæуæй куы фестин,
Уарзон чызджы ардæм æрхæссин.
Батухин æй хъарм нымæты,
Бамбахсин æй урс сæр мигъты,
Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,
Булæмæргъ та ногæй фестин.
Барвитин æм минæвæрттæ,
Бахуин йын усы разгæмттæ
Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй,
Ризиккой нæ Иры хæхтæ гыбар-гыбур кæнгæ.
Рог сычъиты дугъы уадзин,
Бур æрсыты кафын кæнин,
Стыр Хъæриуæй Джимарамæ,
Гæпп кæниккой дзабидыртæ.
*Эх, куы уаит уыцы рæстæг,
Амондджындæр мæнæй нæ уаит,
Цин кæниккой мемæ иумæ,
Иры адæм аланты бæстæ». (2 хатты)
**К.Золойти
Валерий Хуриев еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 4