Василий Кудухти
«Уары мит»
Уары мит, мæ кæрты уары
Уазал дымгæ уæнктыл къары
Зæрдæ сусæг уарзтыл зары
Уд хъæрæй йæхи фæмары
Базард:
{Басыгътай чызгай мæ зæрдæ
Ды мæнæй фæлыгътæ
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ
Цей фæзын, фæзын мæ зардмæ} 2 раза
Рæстæг ивгæ, ивгæ уайы
Цæстæтыл мæ ил куыд уайы
Хъарм цæссыгæй мигь фæтайы
Зæрдæ мæ дæ уарзтыл рæйы
Базард:
{Басыгътай чызгай мæ зæрдæ
Ды мæнæй фæлыгътæ
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ
Цей фæзын, фæзын мæ зардмæ} 2 раза
Уары мит, мæ кæрты уары
Уазал дымгæ уæнктыл къары
Зæрдæ сусæг уарзтыл зары
Уд хъæрæй йæхи фæмары
Базард:
{Басыгътай чызгай мæ зæрдæ
Ды мæнæй фæлыгътæ
Æз дæумæ кæсын æнхъæлмæ
Цей фæзын, фæзын мæ зардмæ} 2 раза
Василий Кудухти еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2