Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

В.Баллаев - Цины зараг | Текст песни

Абон нæ фыр цинæй зарæм, хъуысы уæларвмæ нæ цагъд
Уарзæм уæ тынг бирæ уарзæм, мах фæндиаг хорз уæд уæ цард.
Чызытæн зæгъы нæ зæрдæ, аммæндтæй дзаг уæд уæ къух
Стъалытау калут цæхæртæ, хурау нæ тавут адзух.

Мадæлтæн зæгъы нæ зæрдæ ма куы нын бавзарут зын
Ма куы æсуырс уой уæ сæртæ, цæстытæ калæнт цæхæр.
Хистæртæн зæгъы нæ зæрдæ сабиты хуртæй цæрут
Уæхи дæндæгтæй сæкæртæ фондзыссæдз азы хæрут.

Дидинджытæ уæ мах хонæм, дидинджытау у нæ мæт,
Фаг уæ рæвдауын куыд зонæм, уый бæрц тых махмæ дæр уæд.
Абон нæ фыр цинæй зарæм, хъуысы уæларвмæ нæ цагъд
Уарзæм уæ бирæ уæ уарзæм, мах фæндиаг хорз уæд уæ цард.

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-