Рагæй нал зары булæмæргъ —
Æрдз ныссабыр, ныхъхъус.
Уарзоны зæрдæ у лæмæгъ, —
Банцай, Леуахи, сус!
Арв дидингуытыл нал худы, —
Уатæй нал судзы рухс.
Ехх, мæ уарзт мыл нæ уды
Банцай, Леуахи, сус!
Хур та ракæсдзæн райсомæй, —
Зæрдæ бабыхсид зын.
О, мæ уарзон чызг, рацу мæм,
Æнхъæлмæ дæм кæсын.
ВИА «Бонвæрон» (сол. Харебаты Тимур) еще тексты
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 3