Цъæх нæу хохыл стыр фосы дзуг
Цæгат фарсыл сабыр хизынц,
Фиййау зары йæ ног дзугыл,
Фæндыртæй йын мæргътæ цæгъдынц.
Фосы сæрмæ цæргæс зилы,
Хæлæггæнгæ фиййау йæм дзуры:
«Ехх, тæхуды, дæуæй куы фестин,
Уарзон чызджы ардæм æрхæссин.
Барвитин æм минæвæрттæ,
Адджын ныххаста уыман канин,
Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй,
Ризиккой нæ Иры хæхтæ.
Батухин æй хъарм нымæты,
Бамбæхсин æй урссæр хахты,
Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,
Булæмæргъ та ногæй фестин.
Рог сычъиты дугъы уадзин,
Бур æрсыты кафын кæнин,
Стыр Хъæриуæй Джимарамæ,
Гæпп кæниккой дзæбидыртæ.
{Ехх, куы уаид уыцы рæстæг,
Амондджындæр мæнæй нæ уаид,
Цин кæниккой мемæ иумæ,
Иры адæм, Иры бæстæ».} x2
Слова и музыка Чермена Кодзаева
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
ВИА «Хæхты зæлтæ» (сол. Эльвира Кусова) еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1