Слова и музыка народные и Чермена Кодзаева
Ой, уалæ нын нæ фиййау
Уадындзæй зары, гъей,
{Урс фыдуаг уæрыкк та цъæх нæууыл хъазы,
Цъæх нæууыл хъазы, гъей.} x2
Ой, фиййау нын ныззары
Фосы бæркадыл, гъей:
{«Хорз уæ фæхиздзынæн сойджын кæрдæгыл,
Сойджын кæрдæгыл, гъей».} x2
Цъæх нæуу хохыл стыр фосы дзуг
Цæгат фарсыл сабыр хизынц,
Фиййау зары йæ ног дзугыл,
Фæндыртæй йын мæргътæ цæгъдынц.
Фосы сæрмæ цæргæс зилы,
Хæлæггæнгæ фиййау йæм дзуры:
«Ехх, тæхуды, дæуæй куы фестин,
Уарзон чызджы ардæм æрхæссин.
Батухин æй хъарм нымæты,
Бамбæхсин æй урссæр мигъты,
Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,
Булæмæргъ та ногæй фестин.
Барвитин æм минæвæрттæ,
Бахуийин ын урс разгæмттæ,
Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй,
Ризиккой нæ Иры хæхтæ.
Рог сычъиты дугъы уадзин,
Бур æрсыты кафын кæнин,
Стыр Хъæриуæй Джимарамæ,
Гæпп кæниккой дзæбидыртæ.
Ехх, кæд уыдзæн уыцы рæстæг,
Амондджындæр мæнæй нæ уаид,
{Цин кæниккой мемæ иумæ,
Иры адæм, Иры бæстæ».} x2
«Музыкальная культура осетин» © 2012
vk.com/ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \
Виктория К еще тексты
Другие названия этого текста
- Виктория К - Фиййауы бæллиц (0)
- Виктория Кесаева - Фиййауы бæллиц (0)
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1