Балы тала иу дидинæг рафтыдта,
Мыдыбындз æй адджын тæфæй базыдта,
Ратæхы йæм - зилгæ-зилгæ, ал' райсом,
Дидин дзуры: "Æз æвзонг дæн, о мæ бон!
Бауадз уал мæ, хуры хъарммæ байрæзон,
Чи зоны дæ, о тæнбазыр, бауарзон".
Бындз райдайы уæд рæвдаугæ дзурынтæ:
"О, мæ къона, ма мæ фæсур, курын дæ!
Бакæс ма мæм, æз куыд кæнын ленчытæ,
Хуры тынты цæст нæ лæууы ме 'рттывдмæ".
Атухы йæ урс дидин йæ дарæсы,
Сусæг ныхас изæрмæ нæ фæсысы.
О, чызджытæ, иу дидинæг рафтыдта,
Мыдыбындз æй адджын тæфæй базыдта.
О, чызджытæ, зилгæ-зилгæ, ал' райсом,
Дидин дзуры: "Æз æвзонг дæн, о мæ бон!"
Владикавказ еще тексты
Оценка текста
Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1